Канал дареги:
Категориялар:
Жаңылыктар
Тил: main.Kirgizian
Абоненттер:
980
Каналдан сүрөттөмө
Хабæрттæ иронау
CC BY-SA 3.0
Ratings & Reviews
Reviews can be left only by registered users. All reviews are moderated by admins.
5 stars
1
4 stars
0
3 stars
0
2 stars
1
1 stars
1
Акыркы Кабарлар 2
2022-09-27 09:03:38
Гӕнӕн ис, ӕмӕ Финлянди ӕртӕ азы дӕргъы самайдзӕн ӕмбонд, Уӕрӕсеимӕ йын цы иумӕйаг арӕн ис, уымӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг хайы, — республикӕйы арӕнхъахъхъӕнӕн службӕмӕ гӕсгӕ фехъусын кодта финнаг ӕвзагыл цӕуӕг газет.
Ведомствойы пъланы у, сӕхгӕнын иумӕйаг арӕны 10–20%. Афтӕмӕй ӕмбонды дӕргъ уыдзӕн 130-ӕмӕй 260 километрмӕ. Арӕнгӕстӕм гӕсгӕ конструкцийӕн йӕ бон у фӕлӕууын 50 азмӕ хӕстӕг.
254 viewsDziglo, edited 06:03
2022-09-24 18:10:04
Гуырдзыстоны арӕнмӕ хӕстӕг Уӕрӕсейӕн цы уадзӕн пункт «Уӕллаг Ларс» ис, ууыл ахизынвӕнд кӕнынц ӕмӕ рады слӕууыдысты 2300 хӕдтулгӕйӕ фылдӕр.
Ахӕм хабар ракодта Цӕгат Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
320 viewsDziglo, edited 15:10
2022-09-24 17:59:17
Агентад «РИА Новости»:Варшавӕйы центры уыдис Польшӕйы украинизаци кӕныны ныхмӕ акци. Мадзал сарӕзта националистты парти «Польшӕйы коронӕйы конфедераци».
Акцийы архайджыты лозунгты ’хсӕн уыдис ахӕмтӕ:
«Украинӕгтӕ сты ӕрмӕст мигӕнӕнтӕ политикты къухты», «Ӕгъгъӕд у давын, Украинӕйӕн ӕххуыс кӕныны ӕфсон», «Stop ukrainization — Stop depolonization».
297 viewsDziglo, edited 14:59
2022-09-23 12:54:51
Хъырымы Республикæйы сæргълæууæг Сергей Аксенов куыд загъта, афтæмæй йæ фыртмæ фæсидтысты мобилизацийы тыххæй.
270 viewsDziglo, edited 09:54
2022-09-22 16:32:11
Паддзахадон Думӕ ӕвӕстиатон уагыл рахӕсдзӕн уынаффӕ, цӕмӕй, мобилизацигонд чи цӕуа, уыдонӕн лӕвӕрд уа кредитон каникултӕ, стӕй сӕ фӕллойадон гарантитӕ хъахъхъӕд уой.
Ахӕм хабар фехъусын кодта парламенты сӕрдар Вячеслав Володин.
267 viewsDziglo, edited 13:32
2022-09-22 15:21:33
Литвайы зӕрды нӕй, мобилизацийӕ тылиф чи кӕны, уыцы уӕрӕсейӕгтӕн ӕххуыс кӕнын.
Республикӕйы премьер-министр Ингридӕ Шимоните куыд загъта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы граждӕнтӕн уыдис дзӕвгар рӕстӕг, Украинӕйы цауты тыххӕй сӕ позици равдисынӕн.
255 viewsDziglo, 12:21
2022-09-22 14:51:58
УФ-йы Хицауады сӕрдар Михаил Мишустин бабар кодта йӕ хӕдивӕг Дмитрий Чернышенкойӕн цыбырдӕр рӕстӕджы дӕргъы саразын уавӕртӕ, цӕмӕй граждӕнтӕм цӕуа информаци ӕнӕххӕст мобилизацийы фарстаты тыххӕй.
247 viewsDziglo, 11:51
2022-09-22 14:17:57
Тускъаты Таймураз ӕвзӕрст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны парламенты сӕрдарӕй.
237 viewsDziglo, 11:17
2022-09-21 22:54:43
Дзюдойы ӕхсӕнадӕмон федераци суанг 2023 азы январы онг байста уӕрӕсейӕгтӕй дунеон ерысты архайыны бар.
259 viewsDziglo, edited 19:54
2022-09-21 22:42:17
Абон Финлянди рахаста уынаффӕ, цӕмӕй арӕзт ӕрцӕуой сæ бӕстӕмӕ уӕрӕсейаг туристты ма ’рбауадзӕг мадзӕлттӕ.
Ахӕм хабар фехъусын кодта сæ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Пекка Хаависто.
249 viewsDziglo, edited 19:42