Get Mystery Box with random crypto!

Fedog : хабæрттæ иронау

Telegram каналынын логотиби fedogironau — Fedog : хабæрттæ иронау F
Telegram каналынын логотиби fedogironau — Fedog : хабæрттæ иронау
Канал дареги: @fedogironau
Категориялар: Жаңылыктар
Тил: main.Kirgizian
Абоненттер: 980
Каналдан сүрөттөмө

Хабæрттæ иронау
CC BY-SA 3.0

Ratings & Reviews

2.67

3 reviews

Reviews can be left only by registered users. All reviews are moderated by admins.

5 stars

1

4 stars

0

3 stars

0

2 stars

1

1 stars

1


Акыркы Кабарлар

2022-10-04 17:50:14 Европӕйы Цӕдис арвыста Украинӕмӕ йоды 5 милуан дозӕйы — мыййаг АЭС-ы исты фыдбӕллӕх куы ӕрцӕуа, уӕд уыцы бахъуаджы бонмӕ.
Ахӕм хабар ракодта антикризисон разамынды фӕдыл еврокомиссар Янез Ленарчич.
166 viewsDziglo, edited  14:50
Ачык / Комментарий
2022-10-04 17:37:32 Газет Helsingin Sanomat куыд фыссы, афтӕмӕй город Коткейы айстӕуыд, Ленины цыртдзӕвӕнтӕй Финляндийы чи уыдис, уыдонӕй фӕстаг.
169 viewsDziglo, edited  14:37
Ачык / Комментарий
2022-10-01 12:57:01 Италийы раздӕры премьер-министр ӕмӕ парти «Размӕ, Итали»-йы ӕнӕивгӕ фӕтӕг Сильвио Берлускони загъта, бӕстӕйы ног хицауадӕн Уӕрӕсемӕ йӕ ахаст хъуамӕ уа, айразмӕйы кабинетӕн цавӕр уыдис, ахӕм.
296 viewsDziglo, edited  09:57
Ачык / Комментарий
2022-09-29 21:03:55 Дзæуджыхъæуы, Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом ис скульптор Хъараты Людмилӕйы равдыст. Мадзал арӕзт ӕрцыд Аланийыл Саргъуыды 1100-азыккон юбилейы фӕлгӕты.
309 viewsViatcheslav Ivanov, edited  18:03
Ачык / Комментарий
2022-09-28 21:35:34 Европӕйы Цӕдис хъавы сфидар кæнын сӕрмагонд санкцитӕ философ Дугин, зарӕггӕнӕг Расторгуев ӕмӕ концерн «Калашников»-ы президент Лушниковы ныхмӕ.
299 viewsDziglo, edited  18:35
Ачык / Комментарий
2022-09-28 21:32:41 АИШ разы сты, «Цӕгатаг лӕсӕн»-ы хӕтӕлтыл цы диверси уыдис, уый сбӕрӕг кӕныны Европӕйы саразинаг мадзӕлттыл. Æмӕ уал нырма не схъæр кæндзысты сӕ верси, уыцы фыдракӕнды аххосджыны тыххӕй.

Ахӕм хабӕрттӕ ракодтой Урс хӕдзары.
272 viewsDziglo, edited  18:32
Ачык / Комментарий
2022-09-28 21:14:06 Сергей Меняйло цы барамынд бафыста, уымӕ гӕсгӕ абоны бонӕй Цӕгат Ирыстонмӕ машинӕйыл бацӕуыны бар уыдзӕн ӕрмӕстдӕр республикӕйы цӕрджытӕм, стӕй хуссарирыстойнӕгтӕ ӕмӕ гуырдзыстойнӕгтӕм.

Ноджы бацӕуыны барӕй цухгонд нӕ цӕудзысты, Цӕгат Ирыстоны санаторитӕ, пансионаттӕ, фӕлладуадзӕн хӕдзӕрттӕ ӕмӕ турбазӕтӕм чи цӕуы, уыдон. Семӕ хъуамӕ уа хъӕугӕ гӕххӕттытӕ.
238 viewsDziglo, edited  18:14
Ачык / Комментарий
2022-09-28 12:22:15 Япони аивта Уӕрӕсейы адӕмон артисттӕ Джерджыты Валери ӕмӕ Денис Муцуевы концерттӕ. Нӕ музыканттӕ дзы хъуамӕ цагъдтаиккой хӕстӕгдӕр рӕстӕг.
260 viewsDziglo, edited  09:22
Ачык / Комментарий
2022-09-27 12:21:18 Хӕстӕгдӕр рӕстӕг контролон-уадзӕн пункт «Уӕллаг Ларс»-ы райуӕрстӕуыдзӕн ӕфсӕддон комиссарады мобилизацион пункт.

Ахӕм хабар агентад «РИА Новости»-йӕн фехъусын кодтой мидхъуыддӕгты министрады.
287 viewsDziglo, edited  09:21
Ачык / Комментарий
2022-09-27 09:18:20 Хъазахстаны мидхъуыддӕгты министрад уазӕгдзӕрӕнтӕ ӕмӕ фатерты хицӕуттӕй домынц, цӕмӕй сӕм уыдон ӕртӕ боны ӕмгъуыдмӕ дӕттой, сӕхимӕ цы фӕсарӕйнӕгты ӕрцӕрын кӕнынц, уыдоны тыххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ.
266 viewsDziglo, edited  06:18
Ачык / Комментарий